Алантæ æмæ сæрмæтты фыдæлты мысыны мардмысæн æмбырд мемориалон дзуары цур баст у 2008 азы майрæмы мæйы 8-æм бонимæ
Туризм
Аланийæн йæ адæмы мидварн æмæ удысконд, йæ æрдзы нывтæ æмæ йæ цæрджыты рæдаудзинады тыххæй хъуамæ базонат искæй ныхæстæй нæ, фæлæ æрмæстдæр уæхæдæг.
Хонæм уæ нæрæмон митæмбæрзт хæхты, тындзгæ цæугæдæтты, дидинæгджын уыгæрдæнты æмæ мигъты тæккæ бын чи райгуыры, уыцы нæргæ `хсæрдзæнты дунемæ. Мадыхох, Рекомы кувæндон Цъæйы комы, Хъæдæргъæвæны «Диссæгты фæндаг», суары цад Æрыдоны донвæды, Дзывгъисы къуламад мæсыг, Уæлладжыры комы Уастырджийы цыртдзæвæн, Хетæджы къох, уæлхох сусæг хъæу Цъамад, «Мæрдты сахар» Дæргъæвсы æмæ ма бирæ алæмæты базонинæгтæ.
Аланийы æрдз та у, адæймагæн йæ буар æмæ йæ уд сдзæбæх кæнынæн Хуыцау цы хорзæх радта, уый. Нæ арвмæдзыд хæхтæ, адæймаджы къух кæмæ нæ фæхæццæ, æрдзы уыцы сусæг къуымтæ, суардæттæ пайда æмæ æхцондзинад хæссынц æрцæуæгæн.
Нæ республикæ сæрыстыр у, дисы чи `фтауы, уыцы Алайнаг моладзандон, Суннитты мæзджыт, Сыгъдæг Мадымайрæмы æмæ Рухстауæг Сыгъдæг Григорийы Аргъуантæй.
Æгас цæут Аланимæ!
