СЫВÆЛЛÆТТÆ

Ирон бинонты царды тæккæ стырдæр цау – сывæллоны райгуырд.

Чындзæхсæвы-иу хистæртæ кæддæриддæр куывтой уæларвон зæдтæм, цæмæй

æрыгон бинонтæн рантыса бирæ цот.

Æнхъæлцау сылгоймагыл-иу уæлдай тынгдæр аудыдтой: алчидæр-иу йæ хæсыл

нымадта фидæны мады хъахъхъæнын æмæ йын æххуыс кæнын.

Абоны онг ирон адæм нæ фесæфтой сывæллоны райгуырдимæ баст æгъдæуттæ.

Зæгъæм, лæппуйы райгуырды тыххæй-иу фыццаг чи фехъусын кодта, уымæн

æмбæлди исты зæрдæлхæнæн ракæнын. Хорз хабар-иу цы хиуæттæм байхъуыст,

уыдон та-иу ноггуырды уынынмæ цыдысты егъау лæвæрттимæ.

Нæ сайты ацы хайы нæ фæнды сабитæм уæлдай тынгдæр цæстæнгас аздахын –

уыдзæн уыдонæн æмæ уыдоны тыххæй. Аргъæуттæ, спектакльтæ,

сфæлдыстадон ерыстæ, мадæлон æвзаг хорз чи зоны, уыцы сывæллæтты

тыххæй, хуызистыты конкурстæ та араздзыстæм ныййарджытæн.

Уымæ гæсгæ сидæм ныййарджытæм! Уæ зæрдыл дарут, уæ аив цоты къамтæ

æмæ видеоæрмæджытæм кæй æнхъæлмæ кæсæм. Гъе æмдзæвгæ радзурæнт

иронау, гъе заргæ акæнæнт, гæнæн ис, æмæ уæ сабийы курдиат ныв кæныны

раргом уыдзæн. Табуафси! Мах бацархайдзыстæм, цæмæй уын уæ бындары

Зæххы къорийы алы кæрæтты дæр базоной.

Ныртæккæ уал сайтыл расидтыстæм конкурс «Цыкурайы фæрдыг», зæгъгæ.

Цыкурайы фæрдыг – бæллицы фæрдыг.

Авд æфсымæрæн уыдис иунæг хо. Иуахæмы æфсымæртæ хъæдмæ цæуынвæнд

скодтой æмæ сæ хойæн бафæдзæхстой, цæмæй къонайы зынг ахуыссын ма

бауадза. Æфсымæртæ куы ацыдысты, уæд сæ хо къонамæ хæстæг сбадтис æмæ

зынгæй йæ цæстытæ нал иста. Уалынмæ чидæр дуар æрбахоста, чызг ауад йæ

фегом кæнынмæ, фæлæ дзы ничи разындис. Фæстæмæ куы раздæхт, уæд кæсы,

æмæ къонайы зынг нал æрттивы. Æрæнкъард хо, йе `фсымæрты ныхас кæй нæ

сæххæст кодта, уый тыххæй, фæлæ ма ныр цы кæна. Чысыл фæстæдæр та

дуарæддейæ райхъуыст кæйдæр кæуын. Фæгæпп кодта чызг, азгъордта æмæ дзы

ссардта дарæсы тыхт сывæллоны. Бамбæрста, сывæллон куы нæ стæфса, уæд

амæлдзæн, фæлæ зынг кæцæй хъуамæ райстаид…

Æмæ уæд чызг скуывта, цæмæй йæм ахæм зынг æрхауа, миты бын дæр,

уаддымгæ дæр кæй нал ахуыссын кæна. Афтæмæй йæ размæ фæзындис тынг

рæсугъд чызг цыллæ дарæсы – уый уыд Ацырухс. Йæ армытъæпæн байгом

кодта æмæ дзы разынд тæмæнкалгæ фæрдыг. Ацырухс уыцы фæрдыг къонамæ

баппæрста æмæ дзы уайтагъд зынг схæцыд. Уадидæгæн Ацырухс йæхæдæг

æрбайсæфт, бæллицты фæрдыг та баззад авд æфсымæры хойæн.

Facebook