ХÆРД-НОЗТ

Ирон хæринæгтæн сæ фылдæр равзæрд нæ адæмы фыдæлтæ – алантæ – цæугæ

цард кæй кодтой, уый тæвагимæ. Хойраг æрцæттæ кæнын æмæ йæ фынгыл

æрæвæрыны фæтк уыдис адæм æмæ Хуыцауы кæрæдзимæ ахасты æвдисæн.

Уæлдай сæрыстыр ирон чъиритæй стæм.

Кæд уын уыдонæй саходынæн фадат ис, уæд тынг хорз!

Æрмæст æцæг чъиритæй! Ахæмтæй, æмæ сæрæн сылгоймаджы къухæндзæвдæй

йæ хыссæ кæмæн раудæгас вæййы, ногконд цыхт йæ мидæг кæмæн сабухы сырх

зынджы фæстæ, сæ иумæйаг цæдисæй адæймагæн фагæй фылдæр æхцондзинад

чи `рхæссы… Уæдæ ма уыцы урс-урсид цыхтыл бæркадкъух æфсин фæсмит

давон, гъе та цæхæрайы сыфтæ, кæнæ хицæнæй – къабуска куы скæрда, уæд

алкæйдæр йæ ахсæн уацары райсы. Цалынмæ сæ сæргъы ирон фыдджын не

`рлæууы, уæдмæ. Уæвгæ, уый Нартæн сæ удлæууæн зарæг у…

Хойраг цæттæ кæнын æмæ йæ фынгыл æрæвæрын искæмæ хуымæтæг хъуыддаг

фæкæсдзæн, чизоны. Фæлæ ирон адæмæн се `ртæ кæрдзыны фарны уидаг

æвæрд ис – Арв, Хур æмæ Зæххы иудзинады нысан. Тымбылæг – геометрион

символ, æгæрондзинад, кæнæ та тарф фынæй Уæларвы бæрæггæнæн. Уымæ

гæсгæ, алы `фсин дæр чъиритæ кæныны размæ хъуамæ йæ зæрдæ ссыгъдæг

кæна хæрам æмæ æвидауц хъуыдытæй.

Ирон чъиритæ кæныны фæтк фыццаг бакастæй зын нæу, фæлæ сылгоймагæй

домы сæрæн уæвын. Куы сцæттæ вæййынц, уæд сæ фынджы хистæр акувы. Йæ

фыццаг ныхас вæййы Дунесфæлдисæгмæ – Хуыцаумæ:

«Дуне чи сфæлдыста, иунæг æмæ кадджын Хуыцау, Табу дæхицæн!»

Мир, Вселенную сотворивший, единый и славный Бог, Слава тебе!

«Хуыцау, ахъаз нын бакæн. Хуыцау, радт нын дæ зæдты хорзæх, ацы `ртæ

кæрдзыны Уæларвы дæ дзуæрттæн барст фæуæнт, Зæххыл та – дæ

кувæндæттæн… Нæ куывд нын фехъус…»

Sorry, there are no posts found on this page. Feel free to contact website administrator regarding this issue.

Facebook