18-æм июны уыдис Аланийы сæйрагдæр кувæндæттæй иу – Рекомы бæрæгбон.

Цъæйгомы хъæбысы, нæрæмон Адайыхох æмæ Елбатты къæдзæхы митæххæст къабæзты хсæн æрæмбырд мин адæймагæй фылдæр. Хистæртæ куывд комыл куы айхъуыст, сæ фæстæ та – кæстæрты «аммен», уæд ма сын суанг хæхты фæхстæ дæр дзуапп радтой дардмæ тæхæг азæлдæй.

Уæлдай дисы та адæмы рагон симд бафтыдта. Цæрæнбонты чи никуы скафыд, уый дар йæхи нæ баурæдта раст. Симды алы фезмæлды, йæ нывæзты, йæ дзуарæвæрдты æмæ фæзилæнты зыны дунейы равзæрды мидис, уæлмонц æмæ къухæйсгаргæ тæнгъæды иудзинад, цард æмæ адæймаджы рантыст а-дунемæ.

Фæлæ не сфæлдыстадон къорды уæнгтæм æвæджиуы диссаг фæкаст æрмæст нæлгоймæгты симд. Ацы кафт кувæндоны алыварс æрбатымбыл кодта æппæт нæлгоймæгты дæр стырæй-чысылæй. Тæккæ `взонгдæр лæппуйæн дæр Ирыстоны зонгæ у, Дунесфæлдисæг Нарты Батрадзы мардыл куыд марой кодта, уый. Батрадз фæмард уæлæрвты цæрджытимæ тохы. Хуыцауæн афтæ хъыг уыдис уыцы хабар, æмæ йыл æртæ цæссыджы æрæппæрста – сау, сызгъæрин æмæ урс. «Хуыцауы `ртæ цæссыджы» кæм æрхаудысты, уым равзæрдысты æртæ кувæндоны – Мыкалгабыртæ, Таранджелос æмæ Реком.

Дзырд бахæссын

Your email address will not be published. Required fields are marked *