Чи Стæм?

Нæ хæлæрттæ!

Æхсызгонæй уын хъусын кæнæм нæ проекты куысты райдианы тыххæй. Йæ ном – Sarmat TV.

Нæ нысан у дунейы алы кæрæтты цæрæг ирон адæмы минæвæрттæн иумæйаг информацион фæзуат саразын, нæ культурæ, не `гъдæуттæ æмæ не `взаг парахат кæнын.

Дунейы алы бæстæты цæрæг алайнæгтæ! Æвæджиауы хъæздыг историимæ адæм, æвидийгæ курдиатджын минæвæрттæ æмæ хъæбатыртæ кæй æхсæн райгуырд, се сгуыхтытæ зарджытæ æмæ дунеон литературæйы кæмæн баззадысты, уыдон. Сидæм уæм, цæмæй æрбангом уат æрмæст уæ истори æмæ уæ номдзыд фыдæлты æрхъуыды кæнынæн нæ, фæлæ сæ аккаг мах дæр стæм, уый равдисынæн.

Фæнды нæ, цæмæй базонгæ уат нæ адæмы ивгъуыды цымыдисаг цаутимæ, нæ курдиатджындæр хъæбултимæ, уæдæ сымахмæ дар исты радзуринаг хабæрттæ куыд нæ хъуамæ уа. Табуафси! Æрмæстдæр нын иумæ бантысдзæн нæ номдзыд æмæ фæрнæйдзаг адæмы кад раздахын.

Не `ппæт дæр æй уынæм, ног цард не `хсæнмæ цы къахдзæфтæй цæуы, уый.

Мах уый ныхмæ нæ лæууæм! Уымæ гæсгæ нæ сайты æрмæджытæ уыдзысты нырыккон æмæ æнцонæмбарæн хуызы. Афтæмæй дзурдзыстæм ахсджиаг хъуыддæгтыл, цæмæй нæ адæмыхатты хуыздæр миниуджытæ сæфт ма уой.

Хорз уаид, æмæ иу бинонтау æгас дунейы ирæттæ куы `рбангом уаиккой. Архайдзыстæм, цæмæй куыд фылдæр гæнæн ис, афтæ нæм æрбамбырд уой нæ хотæ æмæ не `фсымæртæ. Ныртæккæ уал стæм 20 адæймаджы, иууылдæр – ирæттæ æмæ курдиаты дæснытæ: редактортæ, фысджытæ, видеоблоггертæ, оператортæ, монтажертæ, дизайнертæ. Нæхимæ уыцы тых æнкъарæм, æмæ цалынмæ нæ размæ `вæрд хæстæ нæ къухы бафтой, уæдмæ не `рлæудзыстæм.

Ут нæ фарсмæ, алкæйы æххуысыл дæр разы стæм, æмæ уæ мах равдисдзыстæм Ирон дунейæн!

Facebook