Хæларадон æмæ хъуыддаджы нысанимæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты уазджытæ хурæфсæст Италийæ. Мæскуыйы сын “æгасцуай” загътой хæрзаудæн фонд “Сæрмæт”-ы минæвæрттæ, стæй æрæджы “Хуыздæр хъæлæсы” ном Италийы кæмæн саккаг кодтой, уый – Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Амага Готти. Фысымты ‘хсæн уыдысты “Сæрмæт ТВ”-йы сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр. Фыццаг уал уазджыты ахуыдтой ирон фынгмæ, стæй сæ уæд сæ балцæй бафарстой.

Дзырд бахæссын