Амага Готти

Хуссайраг хуры тынтæ æмæ буары ахизгæ æнкъарæнтæй нывæзт у Готъойты Иринæйы драматикон сопрано. Райгуырæн зæххы сæрибар уддзæф ын радта æвæджиауы сыгъдæгдзинад æмæ азæлд, йе сфæлдыстадон ном та сæрмæтты номдзыд сылгоймаг-паддзахæй райста йæхæдæг. Йæ царды Амага Готти уæвгæ алцæмæндæр йæхæдæг у хицау. Йæхæдæг сфæнд кодта зарæггæнæг суæвын, йæхæдæг ацыдис Дзæуджыхъæумæ, уый йæм фаг нæ фæкаст, æмæ Мæскуыйы кæрты дуар бахоста. Дарддæр – зындгонд Россинийы райгуырæн Италимæ! Афтæмæй иуахæмы æгас дуне къухæмдзæгъд кæнын райдыдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ, “Хуыздæр Хъæлæсы хицау”-ы кадджын ном райсæг Амага Готтийæн

Дзырд бахæссын

Your email address will not be published. Required fields are marked *