Хетæджы бон у нæ мидварны арфдæр æвæрæнтæй иу. Ирон адæм ыл фæлтæрæй-фæлтæрмæ иузæрдион сты.
Таурæгъмæ гæсгæ Хетæджы знаджы къухмæ бахауынæй аирвæзын кодта Уастырджи, къохы йæ бамбæхста, афтæмæй. Абоны онг дæр Тымбыл хъæды уæларвон тых зындгонд у. 9-æм июлы Иры дзыллæ Уæлладжыры комы бæрæг кодтой ацы кадджын бон. Хетæджы къохмæ æрбамбырд 20 мин адæймагæй фылдæр. Уыдонæй 5000 æрлæууыдысты къохы алыварс симды. Уæвгæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ ирон адæймаг кæм цæры, уыдонæй алы ран дæр скуывтой æртыгай чъиритæ. Куырдтой Хуыцауæй сабырдзинад æмæ фæрнджын цард. Сæрмæт ТВ дæр арфæ кæны а-дунейы алы ирон адæймагæн. Нæ зæрдæ уын зæгъы æнæниз уæвын, æнæмаст бонтæ, амонд æмæ бæллиццаг рæстæджытæ.

Дзырд бахæссын

Your email address will not be published. Required fields are marked *