«Сæрмæт ТВ» у æрыгæтты æмæ хи фæтк агурджыты телеуынынад. Хи фæтк та амоны ног мыртæ, æнкъарæнтæ æмæ ахорæнтæ. Уымæ гæсгæ сæмбæлдыстæм Есенаты Æхсаримæ – йæ куысты хи фæткæй чи пайда кæны, уыимæ. Цы сурæттæ саразы, уыдон адæймагæй нæ ферох вæййынц. Йæ нывтæн ын, аивады ацы хуызæн йæ сусæгдзинæдтæ чи зоны, уыдон бæрзонд аргъ кæнынц. Куыд Алани æмæ Уæрæсейы иннæ рæтты, афтæ бирæ æндæр бæстæты дæр! Есенаты Æхсары куыстытæ фенæн ис Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы, бирæтæ дзы сты Уæрæсейы, Америкæйы, Английы, Францийы, Германи æмæ Испанийы аивадуарзджыты хи коллекциты.

Есенаты Æхсар вæййы бирæ æппæтдунеон равдыстыты архайæг.

 

Дзырд бахæссын

Your email address will not be published. Required fields are marked *